Нæ зæрдæ йын зæгъы æнæниздзинад æмæ царды хæрзтæ! Цы сурæттæ сарæзта, уыдон лæууынц адæмы зæрдæты æмæ йын уымæй кæнынц стыр аргъ! Зоя йæ цардæмбал УФ сгуыхт артист Годжысаты Исахъимæ рацыдысты фæрнджын цардвæндагыл. Бинонты æнгомдзинад æмæ хъæрмуд ахастдзинæдтæ сты дæнцæг рæзгæ фæлтæрæн! Уæвгæ та, Зоя у кæстæртыл аудæг æмæ Хуыцауы хæрзтæй хайджын уæд!