Абон, 21 февралы Уæрæсейы Адæмон артисткæ, режиссер Беккуызарты Уарзетæйыл хъуамæ cæххæcт уыдаид 85 азы. ИРОН ТЕАТРЫ аивадон разамонæг Колыты Владислав, йе`мкусджытимæ aбон бабæрæг кодтой Уарзетæйы цыртдзæвæн,сæвæрдтой дзы дидинджытæ, йæ рухс ном ссаргæйæ.
Уарзетæйы цыртдзæвæнмæ ма абон æрбацыдысты Дзæуджыхъæуы 42-æм скъолайы æвзонг театруарзджытæ, cæ ахуыргæнæг Хъæцмæзты Мæдинæйымæ.
Зæгъын ма хъæуы уый дæр æмæ aбон кæй у æппæтдунеон мадæлон æвзаджы бон æмæ ИРОН ТЕАТР уыцы бонимæ бабаста бирæ мадзæлттæ.
Ацы изæр мадæлон æвзаджы кадæн æвдыст æрцыд спектакль«САУ НЫМÆТ».
