
Зӕрдиагӕй мӕ сымахӕн раарфӕ кӕнын фӕнды Тӕбӕхсӕуты Балойы номыл Цӕгат Ирыстоны паддзахадон академион театры 85 азы кадджын юбилейы тыххӕй.
85 азы размӕ, 10 ноябры, йӕ дуӕрттӕ фыццаг хатт байгом кодта Цӕгат Ирыстоны паддзахадон театр. Уыцы хабар ссис нӕ культурӕйы стыр бӕрӕгбон, уымӕн ӕмӕ театры ахадындзинад адӕмы монон царды у тынг ахсджиаг ӕмӕ бирӕвӕрсыг.