кӕсын, фӕнды мӕ, цӕмӕй театрдзау хъомылгонд цӕуа дунеон литературӕйы уацмыстыл. Иутӕ фӕзӕгъынц, классикӕ ӕгӕр уӕззау у, зӕгъгӕ. Мах хъуамӕ уыцы ахаст фехалӕм, нӕ театрдзаутӕ хъуамӕ стыр классикӕйӕн аргъ кӕнын базоной», — загъта Уалыйы-фырт.
Сӕйраг ролы — Ричарды адӕм фендзысты Цӕгат Ирыстоны адӕмон артист ӕлбегаты Аланы. Спектаклы хъазынц 30 актеры, театры фӕсивӕд. Юбилейон сезонмӕ ма бацӕттӕ кодтой ӕндӕр спектаклтӕ дӕр. «Роспотребнадзор»-ы ӕппӕт домӕнтӕ дӕр ӕххӕстгонд ӕрцӕудзысты,
театрдзаутӕ уыдзысты маскӕты, ӕххӕстгонд цӕудзӕн социалон уагӕвӕрд. Уалыты Гивийы ныхасмӕ гӕсгӕ, хииппӕрддзинады фӕтк фӕзынд иумӕйаг уавӕртыл. «Культурӕ у адӕймаджы удварны хотых, ӕгайтма нӕ театр йӕ дуӕрттӕ байгом кодта», — бафиппайдта Уалыйы-фырт.


